Монтобан
Внешний вид
Сахар | |||
Монтобан | |||
---|---|---|---|
фр. Montauban окс. Montalban | |||
|
|||
44°01′05″ с. ш. 1°21′21″ в. д.HGЯO | |||
Паддзахад | Франц | ||
Регион | Окситани | ||
Департамент | Тарн æмæ Гароннæ | ||
Истори æмæ географи | |||
Фæзуат | 135,17 км² | ||
Центры бæрзæнд | 72–207 м | ||
Сахатон таг | UTC+1:00, сæрды UTC+2:00 | ||
Цæрджытæ | |||
Цæрджытæ |
|
||
Цифрон идентификатортæ | |||
Посты индекстæ | 82000 | ||
montauban.com(фр.) | |||
|
|||
Викикъæбицы медиа |
Монтоба́н (фр. Montauban, окс. Montalban) у, Тарн æмæ Гароннæ, зæгъгæ, уыцы францаг департаменты сæйраг сахар. Æрбынат кодта Тулузæйæ 50 км цæгатырдæм æддæдæр, цæугæдæттæ Тарн æмæ Тексу кæм баиу вæййынц, уым. Цæрджыты нымæц — 54421 адæймаджы (2004).
Истори
[ивын | Бындур ивын]Сахары бындур æрæвæрдта 1144-æм азы граф Альфонс Иордан Тулузæйаг æмæ йын радта, уым хæстæг цы «урс хох» (лат. Mons Albanus) ис, уый ном.
Монтобаны ахадындзинад фæфылдæр ис XVI æнусы Динон хæстыты рæстæджы — уæд сахар уыди гугенотæгты артдзæст Францы хуссар-скæсæны. 1621-æм азы йæ æнæ æнтыстытæй хъула кодта къаролы æфсад.
Фенддæгтæ
[ивын | Бындур ивын]Фенддæгты хсæн бафиппайæн ис:
- Тарны цæугæдоныл хид (XIV æнусы райдиан);
- Энгры зындгонд ныв «Людовик XIII-æмы ардбахæрд» кæм ис, уыцы аргъуан;
- Алчеры галуан (XVII æнус); бæстыхайæ скодтой зындгонддæр монтобайнаг Энгры куыстыты музей.