Перейти к содержанию

Спам

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Спам (англ. spam) — коммерцион кæнæ æндæргъуыз рекламон æрвыстытæ постмæ, кæнæ та e-mail-мæ, адæммæ, кæдоны хъæугæ дæр нæ кæны.

Æппæтфæткон нысан "спам"-æй, уырыссагаудзур адæм фыццаг райдыдтой электронон фыстæджыты æрвыстытæ хонын. Нæ разбадзургæ æрбафысттæ уацты уысмон æмивды системæты (дæнцæгæн, ICQ) хуындæуынц SPIM.

Дунейы поцтаты трафичы спамы бæрц у иу-80% (2011 азы).

Ныхасы равзæрд

[ивын | Бындур ивын]

Æппæтвыццаг, «SPAM»-ныхас фæзынди 1936 азы æмæ æмбæрсты цыд, куыд SPiced hAM (судзаг цæхджын хуыйыфыд) æмæ уыди Hormel Foods Corporation-компанийы, дзидзайы консервты товарон нысан — хуыйæ конд судзаг тахынæджы фаршы.

Дыккаг дунеон хæсты фæстæ дзы баззади дунейы фæстауæрцтæ, кæдоны фæцарызтой хæсты рæстæджы ифтонгкæнынмæ канд америкæйаг салдæтты нæ, фæлæ ма ленд-лизы программæйы цæдисонты. Цæмæй уыппæт фæстæуæрцæй фервæзой (кæцы ма мæлæты æвæд дæр нал уыди) Hormel Foods скодтой йæхиформæ рекламон кампани. Алы аслам дуканийы, алы къуымæй, автобустыл æмæ трамвайтыл, газеттæй æмæ витринитæй дæр, кæй зæгъын æй хъæуы. Уымæй уæлдай ма йæ радиойæ дæр трансляци кодтой йæ рекламæ. Адæм дзы фæсæлæт сты, цыбыр ныхасæй.

Паддзахад Спам, %
1 Инди Инди 13,9
2 Уæрæсе Уæрæсе 9,0
3 Вьетнам Вьетнам 7,9
4 Хуссар Корей Хуссар Корей 6,0
Индонези Индонези 6,0
6 Китай Китай 4,7
7 Бразили Бразили 4,5
8 Америкæйы Иугонд Штаттæ АИШ 3,2