Тихвин
Сахар | |||
Тихвин | |||
---|---|---|---|
уырыс. Тихвин | |||
|
|||
59°38′39″ с. ш. 33°32′32″ в. д.HGЯO | |||
Паддзахад | Уæрæсе | ||
Федерацийы субъект | Ленинграды облæст | ||
Муниципалон район | Тихвины район | ||
Истори æмæ географи | |||
Бындурæвæрд | 1383 | ||
Фæзуат |
|
||
Сахатон таг | UTC+3:00 | ||
Цæрджытæ | |||
Цæрджытæ | ↘54 286[1] адæймаджы (2023) | ||
Цифрон идентификатортæ | |||
Телефонон код | +7 81367 | ||
Посты индекс | 187551, 187552, 187553, 187556 æмæ 187557 | ||
gorod.tikhvin.org | |||
|
|||
Викикъæбицы медиа |
Тихвин (уырыс. Тихвин) у Уæрæсейы Ленинграды облæсты сахар Бетъырбухæй скæсæнырдæм, Тихвины районы административон центр. Сахары статус 1773-æм азæй. Тихвины цæрынц 61,2 мин адæймаджы (2007-æм азы).
Сахар лæууы цæугæдон Тихвинкæйы дыууæ былтыл. У ахсджиаг æфсæнвæндаджы æлхынцъ, æрлæууынц дзы бирæ пассажирон поездтæ Бетъырбухæй Урал æмæ Сыбырмæ.
Тихвинмæ бирæ туристтæ фæцæуынц йæ рагон хæдзæрттæ æмæ аргъуантæ фенынмæ. Тихвины ис лæгты моладзандон дæр (1560-æм азæй).
Тихвин цы ран лæууы, уым цы цæрæнран уыди, уый тыххæй фыццаг кой фыст æрцыд 1383-æм азы (хъæдын аргъуан дзы сарæзтой, æмæ уый тыххæй).
Сахары ис рагон æмæ ногдæр сыхтæ. Нырыккон хæдзæрттæ дзы æндæр сахарты æнгæс сты — æфсæнбетонæй конд бирæуæладзыгон хæдзæрттæ (уыдонæй бæрзонддæры и 14 уæладзыджы).
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августа 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Тихвины хиуынæфæйады официалон сайт
- Тихвин on-line
- Тихвины музей Архивгонд æрцыдис 5 октябры 2008 азы.