Перейти к содержанию

Норильск

69°20′ с. ш. 88°13′ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
Норильск
уырыс. Норильск
Тырыса Герб
Тырыса Герб
69°20′ с. ш. 88°13′ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Красноярсчы край
Сахары зылд Норильск
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1935
Фæзуат 284 км²
Сахатон таг UTC+7:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 181 830[1] адæймаджы (2020)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 3919
Посты индекстæ 663300-663341
norilsk-city.ru(уырыс.)
Норильск (Уæрæсе)
Норильск (Красноярсчы край)
Норильск (Таймыры район)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Нори́льск (уырыс. Норильск) у сахар Красноярсчы крайы цæгаты, Таймыры æрдæгсакъадахы хуссары, 90 км Енисейы цæугæдонæй хурыскæсæнмæ. Сахар ис Полярон зиллаччы фæстæ. Арæнгонд у Таймыры (Долганаг-Неннаг) автономон зылды. Административон æгъдауæй та сахар ис Красноярсчы крайы дæлбарады.

2004-æм азы Норильск йæхимæ баиу кодта дыууæ сахар-æмбæлццоны (Талнах, Кайеркан) æмæ ма фæрсæгхъæу Снежногорсчы, æмæ иугонд муниципалон сырæзтад «Сахар Норильск» сси сахайраг зиллаччы статусы хицау.

Норильскæн йæхи цæрджытæ сты 140,8 æрдзæ адæймаджы, ИМС-йы — 230,1 æрдзæ адæймаджы (Талнахы — 62,9 æрдзæ, Кайерканы — 25,1 æрдзæ, Снежногорсчы — 1,3 æрдзæ адæймаджы). Норильскмæ ма хауы цæрæн сырæзтад «Оганер», кæцыйы цæры иу-дæс æрдзæйы бæрц адæймаджы.

Экономикæ

[ивын | Бындур ивын]

Сахарамайæн куыстуат у хæххон-згъæрон компанийы «Норильский никель» (раздæры хæххон-згъæрон комбинат) фæсполярон филиал. Норильск у хуызджын згъæрты стыр центр. Ам амал кæнынц хуызджын згъæрты æфтиаг: æрхуы, никель, кобальт; зынаргъ згъæртæ: паллади, осми (ссадæг), платинæ (згъæртад, ссадæг), сызгъæрин (згъæртад, ссадæг), æвзист (згъæртад, ссадæг), ириди (згъæртад), роди (ссадæг), рутений (ссадæг). Æмвæндæгон кондад: згъæрселен, техникон сондон, згъæртеллур, сондоны туагад.

Норильсчы комбинат кæны дунейы палладийæ 35%, платинæйæ 25%, никелæй 20%, родийæ 20%, кобальтæй 10%. Уæрæсейы никелы 96%, кобальты 95%, æрхуыйы 55% кæнынц Норильсчы комбинаты.

Норильсчы комбинаты куыстуаттæ стыр бæрцты кæнынц хъæстæ раппæрсттæ атмосферæмæ, æмæ сæ фæстиуæгæн экологон уавæр сахары у бынсæфт.

Норильсчы аванпорт у Дудинкæ, кæцыимæ уый иугонд у автомобилон æмæ æфсæнвæндагæй. Нæй дзы сурвæндагон бастдзинад Уæрæсейы иннæ сахартимæ. Уæлдæфон бастад та цæуы аэропорт «Алыкел»-ы фæрцы.

Ахуырад æмæ культурæ

[ивын | Бындур ивын]

Норильсчы ис иу САУ (сæйраг ахуыры уагдон) — Норильсчы индустриалон институт, иу-цалдæр Уæрæсейы Федерацийы æндæр САУ-ты филиалтæ, Майаковскийы номыл Драмæйы фæсполярон театр, аивадон галерей, Норильсчы куыстуадон районы æрхион æмæ рапарахат кæныны историйы паддзахадон музей, Кæройнаг Цæгаты хъæууон хæдзарады зонадон-иртасæн институт.

Норильсчы фыццаг хæдзар (1921-æм аз)

Боныхъæд

[ивын | Бындур ивын]

Таймыры æрдæгсакъадахы боныхъæд у иттæг карз.

  • Азы астæуккаг температурæ у -9,8°С.
  • Тъæнджы мæйы астæуккаг температурæ у -25°С.
  • Сусæны мæйы астæуккаг температурæ у +13,6°С.
  • Æппынкъаддæр регистрацигонд температурæ у -57°С.
  • Æппæтфылдæр регистрацигонд температурæ у +32°С.
  • Æнæхъызт афоны астæуккаг дæргъад — 84 боны.
  • Уаргæ бонты нымæц — 170.
  • Дымгæджын бонты нымæц — 130.
  • Митæй æмбæрзæны хуысты астæуккаг дæргъад — 244 боны (7,5 мæййæ 9-мæ).
  • Дымгæйы азастæуккаг тагъдад — 6 м/с.
  • Атмосферон æлхъывдады астæуккаг бирæазон ас — 750 мм дж. ц.
  • Ахастон азастæуккаг уæлдæфы уымæлад — 77%.
  • Тæвдгæнæн æмгъуыды рæстæг — 302 боны.
  • Тæвдгæнæн æмгъуыды астæуккаг температурæ у -14,6°С.

  • 30-м ноябырæй 13-м январмæ — полярон æхсæв (45 æхсæвбон).
  • 13-м мартъæй 27-м мартъмæ — бон æмæ æхcæвы хуымæтæджы ивд (73 æхсæвбоны).
  • 27-м мартъæй 26-м апрелмæ — изæрмилон æхсæвтæ (30 æхсæвбоны).
  • 27-м апрелæй 19-м маймæ — урс æхсæвтæ (23 æхсæвбоны).
  • 19-м маййæ 25-м июлмæ — полярон бон (68 æхсæвбоны).
  • 25-м июлæй 15-м августмæ — урс æхсæвтæ (23 æхсæвбоны).
  • 15-м августæй 15-м сентябырмæ — изæрмилон æхсæвтæ (30 æхсæвбоны).
  • 15-м сентябырæй 30-м ноябырмæ — бон æмæ æхсæвы хуымæтæджы ивд (73 æхсæвбоны).

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]